Бахсæв и. Бæстæ ныссабыр.
Иу сыбыртт нал ахсы хъус.
Арвæй цæлхыдзаг мæй дардыл
Тауы йæ сызгъæрин рухс.
Бадын та иунæгæй уаты,
Ацыд та хъуыдыты сæр.
Рог дымгæ ’рбахæссы дардæй
Хаттæй-хатт доны сæр-сæр.
Зæрдæ та дард фæндтыл дзуры,
Цу ’мæ йын исты ды зæгъ!
Гъæй-джиди, февзæр дæ цуры
Ацы сæрдыгон æхсæв!
Хъæлдзæгæй абад дæ фарсмæ,
Акæн зæрдæбын ныхас!
Уарзоны рухс цæстæнгасæй
Царды цин нуаз æмæ нуаз!
Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ,
Не ’хсæн – быдыртæ ’мæ хох,
Фæлæ дæ никуы, мæ зæрдæ,
Никуы фæкæндзынæн рох!
Слова Мухарбега Кочисова
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\
Тасолтан Мамсуров еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 6