ФÆТКЪУЫТÆ
Бæласæй ‘ркалдысты фæткъуытæ
Иу дзы йæ астæуыл афæсти
Кæй уарзтон уый чындзы ацыди
Йемæ мæ зæрдæ дæр атæхти
Бæрз бæласæй уæдындз сарызтон
Загътон нæ хæхты дзы цæхдзынæн
Иу бон та цы рæссугъды федтон
Уый мæ къухтыл дæр фæхæсдзынæн
Проигрыш.
Сыуадоны донæй банызтон
Мæ фæллад дæр еуад ысуахтон
Уым рæссугъды цæсгом ауыдтон
Æмæ йæ тынг бирæ бауарзтон
Хурæй тынг судзынц нæ быдыртæ
Суадæттæ дæр куы нал цæуынц
Чызг йæхи фæмары кæуынæй
Фæлæ цæссыг мур дæр не ‘згъæлы
Проигрыш.
Чызг мын дон бадардтæ дурынæй
Уымæн йæ дон тынг уæзал уыди
Уæд ын зæгътон рæссугъд курын дæ
Фæлæ уый та къуырма разынди
Ацы зарджытæ дæуыл зарын
Ацы æмдзæвгæ дæуыл фыссын
Тæхуды о рæссугъд тæхуды
Ды мæнæн куы фестис мæ уды.
Нодар Гуцати еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3